Lyrics Олег Тайсаев - Таходуй

Singer
Song title
Таходуй
Date added
15.08.2017 | 17:20:06
Views 370
0 people consider the lyrics to be true
0 people consider the lyrics of the song incorrect

The lyrics of the song are provided for your reference Олег Тайсаев - Таходуй, and also a translation of a song with a video or clip.

Тæходуй, æна,
Маргъ ку фестинæ,
Мæ унгæг къумæй
Фæццæйтæхинæ.
А дуйнетæбæл
Æрцæйзелинæ,
Кæми ци дессаг, —
Уой басгаринæ...

Тæходуй, æна,
Ацæмæзау дин
Æз ку фестинæ
Дессаг фæндургин:
Хъазбеги цъонгмæ
Исцæйцæуинæ,
Дессагон зартæ
Æрцæйцæгъдинæ...

Уæд еугур дуйне
Æримбурд уидæ,
Мæ цæгъдтæлтæмæ
Æригъосидæ.
Кæми ци седзæр,
Кæми ци мæгур, —
Бауарзионцæ
Мæ дессаг фæндур...

И фарни тунæ
Æрфелауидæ, —
Уарзондзийнадæ
Æрфедар уидæ.
Уæд алли адæм,
Уæд алли бæстæ
Æркалионцæ
Сæ тохæн гæрзтæ.
Тæходуй, æна,
Маргъ ку фестинæ,
Мæ унгæг къумæй
Фæццæйтæхинæ.
А дуйнетæбæл
Æрцæйзелинæ,
Кæмы ци дессаг, -
Уой басгаринæ ...

Тæходуй, æна,
Ацæмæзау дин
Æз ку фестинæ
Дессаг фæндургин:
Хъазбегы цъонгмæ
Исцæйцæуинæ,
Дессагон зартæ
Æрцæйцæгъдинæ ...

Уæд еугур дуйне
Æримбурд уидæ,
Мæ цæгъдтæлтæмæ
Æригъосидæ.
Кæмы ци седзæр,
Кæмы ци мæгур, -
Бауарзионцæ
Мæ дессаг фæндур ...

И ФАРН тунæ
Æрфелауидæ, -
Уарзондзийнадæ
Æрфедар уидæ.
Уæд Аллы адæм,
Уæд Аллы бæстæ
Æркалионцæ
Сæ тохæн гæрзтæ.
Survey: Is the lyrics correct? Yes No